Индийы  донивылды фæстиуæгæн  166 адæймаг фæмард
Индийы донивылды фæстиуæгæн 166 адæймаг фæмард

Индийы  донивылды мæттаг фесты  166  адæймаг. Мусонон  къæвдайы  фæстиуæгæн  сеппæтæй  фылдæр Асамы æмæ  Бихарийы штаттæ  фæзиан сты.

«Эндитивийы» информацийæ,   фæнысангонд регионты  стихийы  фæстиуæгæн  10 милуанæй  фылдæр адæймаг баййæфтой  зиан.   Цалдæр  адæймаг æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл нымад цæуы.  Донивылд  июлы фыццаг бонты  райдыдта, æмæ гæнæн ис  цалдæр къуыри аххæсса.

Донивылды параллелонæй,  Индийы   Утар-Прадешы  штаты арвырттывды  фæстиуæгæн 32 адæймаг амард.