Индийы цæгат штатты лæбырды фæстиуæгæн иуыл цъус 25 адæймаг фæхъуыд
Индийы цæгат штатты  лæбырды  фæстиуæгæн  иуыл цъус  25 адæймаг фæхъуыд

Индийы цæгат штатты  лæбырды  фæстиуæгæн  иуыл цъус  25 адæймаг фæхъуыд.

Ахæлиугонд  хъусинагæй,   стихий Идукийы бæстæйы 16,  Малапурамешы – æхсæз,  Кожикодейы  дыууæ  æмæ  Ваианадейы   иу  адæймаг  амард.

Лæбырды расидæг уыд  æнæнцайгæ  къæвда.  Хицауады тæрсынц,  цæмæй гæнæн ис  амæттагы  нымæц  фæфылдæр уа.  Стихийæ зианбаййафæг зонæйы  æмбæстæгтæн æххуысы  нысанæй  æмæ  ликвидацион  куыстытæм баиу кæнынмæ,  æфтауцæй тыхтæ  арвыстой.

Синоптиктæ  æввахс  периоды  боныхъæды фæхуыздæры прогноз нæ дæттынц. Индийы  октябры онг  уыдзæн  мусонон  къæвдата  сезон.