Ильхам Алиев – уырнæг  дæн, транспортон  кæлидортæ аразыны процессы нæ сыхаг паддзахадтæ дæр баиу уыдзысты
Ильхам Алиев – уырнæг дæн, транспортон кæлидортæ аразыны процессы нæ сыхаг паддзахадтæ дæр баиу уыдзысты

Уырнæг дæн,  транспортон кæлидоры  байгомы процессмæ баиу уыдзысты  нæ сыхаг паддзахадтæ дæр, –  уый фæдыл  фидиуæн Азербайджаны  президент  Ильхам Алиев  Мæскуыйы   Уæрæсейы президентимæ æмæ  Сомихыстоны  премьер-министримæ  фембæлды фæстæ  иумæйаг  пресс-конференцийыл  сарызта.

«Транспортон  коммуникациты  байгом  æмбæлон у  Азербайджаны, Сомихыстоны æмæ Уæрæсейы  интерестæм.  Афтæма нæ  сыхаг  паддзахадты интерестæм дæр.   Уырнæг дæн,  нæ сыхаг паддзахадтæ дæр активонæй баиу уыдзысты  транспортон кæлидоры  аразыны æмæ  транспортон артеритæ байгомы  процессмæ нæ регионы.  Фидæны дæр  хъуамæ  тырнæм  уыцы  сферæты ссарын, кæцы  нын виппайды  эффект ратдзæн   æмæ ориентацигонд уыдзæн  фæстиуæгыл», – райхъусын кодта Алиев.

Афтæма  йæ  ныхæстæм гæсгæ, 2020 азы  9 ноябры  къухæвæрд   бадзырды  пунктты фылдæр  нырид сыххæст сты.  Ильхам Алиевы фидиуæнæй,   зæгъгæ Кремлы  ацæугæ  фембæлд нысаниуæгджын  уыд  регионы  æнæфæцудгæ  рæзынадæн.

«Æхст фæурæдæй  дыууæ мæйы рацыд.  Уый, цæмæй   Мæскуыйы  æрымбырд сты лидертæ, кæцытæ 9 ноябры  къух бафыстой   æхст фæурæды фæдыл  бадзырдыл, уый амонæг у  цæмæй   мах ориентацигонд стæм фæстиуæгыл.  Уымæй  нæм  фæзындис  ныфс, цæмæй   иу хатт Владимир Путин куыд загта, афтæ, Уæлхох Карабахы  конфликт  ивгъуыды  хъуамæ баззайæнт.  Хъуамæ   хъуыды  кæнæм фидæныл. Ууыл хъуыды  хъуамæ кæнæм,  куыд  цæрæм иумæ», –  райхъусын кодта  Алиев.