Ильхам Алиев Ираклий Гъарибашвилийæн æмæ Гуырдзыстоны делегацийæн сфысым кодта официалон сихорыл
Ильхам Алиев Ираклий Гъарибашвилийæн æмæ Гуырдзыстоны делегацийæн сфысым кодта официалон сихорыл

Гуырдзыстоны премьер-министры æмæ Азербайджаны Республикæйы  президенты фембæлды фæстæ Бакуйы, «Загулбайы»  галуаны   гуырдзиаг делегацийæн сарызтой  официалон сихор.

Ильхам Алиев  Ираклий Гъарибашвилийæн  хицауады уæнгтимæ иумæ сфысым кодта  официалон сихорыл.

Гуырдзыстоны делегацийы  сконды  сты  вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады  министр  Натиа Турнава  æмæ  хицауады  администрацийы  хистæр  Илиа Дарчиашвили.