Ильхам Алиев -  Гуырдзыстоны уылты азербайджайнаг газæй  Европæ æввонгкæнын цалдæр мæймæ  райдайдзæн
Ильхам Алиев - Гуырдзыстоны уылты азербайджайнаг газæй Европæ æввонгкæнын цалдæр мæймæ райдайдзæн

Азербайджайнаг  газæй  Гуырдзыстоны уылты  Европæ æввонгкæнын  райдайдзæн   цалдæр  мæймæ.  Уый фæдыл  Азербайджаны  президент  Ильхам Алиев  медиимæ ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта.

«Кæй зæгъын æй хъæуы,  нæ сæйраг хъусдард  ныр здæхт у  хуссары газы  кæлидор  кæронмæ   бакæныны æрдæм.  Ацы проект  афтæдæр æнтыстджынæй  цæуы æххæст  Нырид кæронмæ хæццæ  кæны  йæ цыппæрæм æмæ фæстаг  проект -«ТАР». Афтæмæй  хъуыды кæнын,  цæмæй  цалдæр мæймæ  Азербайджаны инициативæйæ  æмæ уæрæхмасштабон  æхсæнадæмон  æмгуыстады  фæстиуæгæн,  æнæхъæнæй  кæронмæ сæххæст уыдзæн   кæрæдзиимæ баст  æртæ  газдадзæны   арæзтад, кæцыйы  дæргъ 3 500  километр у æмæ азербайджайнаг газæй  Европæ æввонг кæндзыстæм. Афтæмæй,  хуссары  газы  кæлидор æххæстæй  бацæудзæн эксплуатацимæ. Махæн уый  у иттæг нысаниуæгджын  æмæ  историон фæзынд, уымæн æмæ «Шахденизы»  гуырæнуаты  æххæстæй  скусын кæныны  фадат дæтты», – райхъусын кодта  Алиев.