Ильхам Алиев – Гуырдзыстон нæ ратта бар йæ тæрриторийы уылты  Сомихыстонмæ хæцæнгарз нылласын, фæнды мæ уый тыххæй Гуырдзыстоны хицауадæн  бузныг зæгъын
Ильхам Алиев – Гуырдзыстон нæ ратта бар йæ тæрриторийы уылты Сомихыстонмæ хæцæнгарз нылласын, фæнды мæ уый тыххæй Гуырдзыстоны хицауадæн бузныг зæгъын

Азербайджаны  президент Ильхам Алиев Гуырдзыстоны хицауадæн арфæ кæны, Сомихыстонмæ  Гуырдзыстоны уылты  хæцæнгарз баласын кæй нæ бауагъдта,  уый тыххæй.

«Куыд æй зонут, афтæмæй,  Гуырдзыстон нæ ратта  бар  йæ территорийы уылты  Сомихыстонмæ  хæцæнгарз нылласын», –  хъуцсын кæны Алиев.  Йæ  ныхæстæм гæсгæ   растдæр  уый тыххæй у, ацы тæккæ  хæцæнгарз  Сомихыстонмæ транспортон    хæдтæхджытæй Каспийыбылгæрон бæстæты территориты уылты æмæ уæлдæфон фæндагæй  кæй  ласынц.

Дзырдæуы цæугæ   азы июлы  иуæй-иу  медиа-фæрæзты  ахæлиугонд информацийы фæдыл, цæвиттон  Сербий  Сомихыстонмæ  хæцæнгарз  Гуырдзыстоны территорийы уылты нылласта.

«Гуырдзыстоны ахаст уыд  аккаг партнермæ  куыд æмбæлы  ахæм.   Фæнды мæ  уый тыххæй  сын  бузныг зæгъын Гуырдзыстоны  хицауадæн.  Мæ бон зæгъын у, цæмæй  Гуырдзыстоны хицауады  мах уынæм  æууæнкаг  партнер æмæ хæлары», -дзуры Ильхам Алиев.

Азербайджаны президент дзуры,  цæмæй  Гуырдзыстон æмæ  Азербайджаны иу кæны  куыд историон  цæдистæ, афтæ  иумæйаг интерестæ.  Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ,   абон уæвæг,  рæзгæ æмгуыстад та,   дыууæ бæстæйы æхсæн  иумæйаг интерестæн лæггад кæны  æмæ дыууæ дæр бæстæйы хицауадтæ  æнгом контакты сты  кæрæдзиимæ.

«Азербайджан кæддæриддæр  Гуырдзыстонæн æнцой дарæг у.  Ныр нал æрнымайдзынæн  ацы историон   факттæ.   Фæлæ Азербайджан кæддæриддæр  райы у  Гуырдзыстоны райтынгæй, фарнæй  æмæ стабилондзинадæй», – хъусын кæны Ильхам Алиев.

Афтæма  медийы  ахæлиугонд информацийыл, цæвиттон  «12  июлы онг   цалдæр бон агъоммæ,  Сомихыстонмæ  Сербийæ æндæр æмæ æндæр калибры минометтæ  нылластой Гуырдзыстоны  уылты», Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад   цæугæ азы 20 июлы ратта дзуапп.  Уагдон  ахæлиугонд информацийы   схуыдта тенденционæй  æмæ банысан кодта, цæмæй  медийы  ахæлиугонд информацийы нысан уыд   дыууæ партнер  бæстæйы æхсæн  проблемæтæ  сцырын  кæнын.