Илья II - Махæн Ныгуылæны æмæ   Америкæйы культурæ  у хæстæг,  уымæн æмæ  чырыстонон бындурыл сæвзæрд
Илья II - Махæн Ныгуылæны æмæ Америкæйы культурæ у хæстæг, уымæн æмæ чырыстонон бындурыл сæвзæрд

Махæн Ныгуылæны æмæ   Америкæйы культурæ  у хæстæг,  уымæн æмæ  чырыстонон бындурыл сæвзæрд –  ацы ныхæстæй   басидтис  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  Гуырдзыстоны Америкæйы иугонд  штатты  минæвармæ Ян Къеллимæ, кæцы  йæ  хæрзбонйнон    визитæй  уыдис Патриархийы.

«Зæрдиагæй  уын афрæ кæнын  Сыгъдæг Синоды  æмæ   мæхи номæй  æмæ уын  ракувдзынæн  стыр  æнтыстытæ  фидæны  куыстыты.

Сымах тынг вазыгджын периоды   уыдыстут минæварæй, фæлæ тынг  зæндджынæй   фæтых стут  алы проблемæйыл.

Махæн Ныгуылæны æмæ   Америкæйы культурæ  у хæстæг,  уымæн æмæ  чырыстонон бындурыл сæвзæрдис. Бæрзонд аргъ кнæм   уæ  ивгъуыдæн  æмæ  дис кæнæм  уый тыххæй, цæмæй   куыд  бахъом ис æмæ ахæм цыбыр периоды  куыд баххæссыд Америкæ  ахæм культурæ,  ахæм  зонадон-техникон  прогрессмæ.

Нæ епископты  делегаци уыдис АИШ-ы  æмæ  дисгæнгæйæ  æрыздæхтысты  фыдыбæстæмæ.

Алцыппæт сараздзыстæм  уы тыххæй  цæмæй   æрыввахсы  æрдгæй прогресс адарддæр уа, фæлæ Гуырдзыстон æнæ уый дæр лæууы ац фæндагыл.

Тынг райгонд  дæн уæхи æмæ Америкæйы хицауадæй,  уыцы  æххуыс æмæ æнцойы тыххæй,    кæцыйы  Гуырдзыстоны æрдæм  æвдисут.

Зонут æй Гуырдзыстоны территориты 20%  оккупацигонд сты.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   Хуыцауы руаджы  æмæ  нæ хæлæртты æххуысæй,   Абхазиæ æмæ  Цхинвалы  регион  æрздахдзыстæм.

Цыдæриддæр та аргъуанмæ æххæссы,    иуæй-иутæ  кæронмæ йæ роль не æмбарынц,  йæ нысаниуæг  нæ историйы.  Гуырдзиаг никуы  уыдис фанатик,  мах кæддæриддр уыдыстæй æцæгæй дæр  уырнæг Чырыстон.

Иуæй-иутæ дис дæр фæкæнынц  уымæй, цæмæн  у  аргъуаны авторитет  афтæ бæрзонд  Гуырдзыстоны,  –  уымæн æмæ кæддриддæр хъахъъхæдта  йæ культурæ, æвзаг, йæ ивгъуыд  æмæ  алцыппæт  ай  у адæмы интерес дæр.

Куыд  загътон афтæмæй,   сымах  тынг вазыгджын афоны   æххæст кодтат  минæвары хæстæ,  æндæра уæм бирæ  фылдæр тæлмæн уыдаит   Гуырдзыстонæй.

Фæл мæм ныфс ис,  нæ ферох кæндзыстут  Гуырдзыстон æмæ  гæнæн  ис  минæвары хæстæй нæ фæлæ, æнæ уый  арæхт нм фæуазæг уат Гуырдзыстоны.

Фæнды мæ ракувон уын  сымах æмæ уæ  бинойнагæн.

Уæ фидæн уыдзæн тынг  хорз» –  банысан кодта  Æппæт  Гуырдзыстоны Катклисо-Патриарх.