Илья Дыккаг -  уæззау у  Звиад Гамсахурдиайы  дзуар фæлæ  Хуцауы  руаджы  уый  бирæ  хæрзиуæг ракодта  Гуырдзыстоны
Илья Дыккаг - уæззау у Звиад Гамсахурдиайы дзуар фæлæ Хуцауы руаджы уый бирæ хæрзиуæг ракодта Гуырдзыстоны

Æгæр уæззау у  Звиад Гамсахурдиайы  дзуар фæлæ  Хуцауы  руаджы  уый  бирæ  хæрзиуæг ракодта  Гуырдзыстоны – Уый фæдыл Æппæт гуырдзсытоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг   Самебайы кафедралон аргъуаны   райхъусын кодта.

Самебайы   аргъуаны  Звиад Гамсахурдиайы  номарынæн   панихидæ аццыд.

«Ацы  къуыри  хуындæуы Къвириакейы  къуыри,  дзуарæн  кувын.  Алы  адæймаг у  дзуархæссæг.  Хуыцау  зæгъæт  цæмæй  нæ алчи, нæ дзуар  кæронмæ   ахæссын хъом уæм.  Арæхт сты  цаутæ,   адæймаг  Хуыцауæй  куы куры  æндæр амонд, уымæн æмæ уæззау йæм кæсы  йæхи сæрмагонд, фæлæ  бирæ  уæззау дæр вæййы  искæй   дзуар хæссын.  Адæймаджы  цард хъуамæ  æвдиса  дзуар. Уымæй  бæрæг у  Хуыцаумæ тырнындзинад,  уæларвмæ æмæ  адæймагмæ.  Мæнæ  ацы дзуар  алы  адæймаг,й æ  цардæй  хъуамæ равдиса. Хуыцау  зæгъæнт  цæмæй   нæ  алчи  нæ дзуар  кæронмæ бахæццæ кæнын хъом бауæм æмæ  дзæнæты æрбынатæ кæнæм.

Абон сæрмагонд бон у. Абон сæххæст  80 аздзыд  Звиад Гамсахурдиа. Гуырдзыстоны фыццаг президент. Уæззау  уыд йæ дзуар фæлæ  Хуыцауы руаджы  уый бирæ хæрзиуæгтæ ракодта  Гуырдзыстоны нæ  адæмæн» – райхъусын кодта Патриарх.

Уыймæй дарддæр ма  Илья Дыккаг,  хъæбысæй хæцджыты æмæ  хъæбысæй хæсты федерацийы  президент, Гега Гегешидзейæн ракуывдта.