Илья Дыккаг  Уæрæсейы   Патриархмæ  баздæхт -  Абхаз æмæ Цхинвалы  регионм æуырыссаг  æфсæддон хайадтæм  уæ  сауджынты  æрвыст зынæмбарæн у, æмæ  уæззау  уавæры  æфтауы  мах алкæй
Илья Дыккаг Уæрæсейы Патриархмæ баздæхт - Абхаз æмæ Цхинвалы регионм æуырыссаг æфсæддон хайадтæм уæ сауджынты æрвыст зынæмбарæн у, æмæ уæззау уавæры æфтауы мах алкæй

Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг    Мæскуы æмæ  Æппæт Уæрæсейы  патриарх Кирилмæ баздæхт  æмæ   банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ бхаз æмæ  Цхинвалы регионмæ, уырыссаг  æфсæддон  хайадтæм  уырыссаг  сауджынты  æрвыст,  уымæн зынæмбарæн у.  Илья Дыккаг  афтæдæр банысан кодта, цæмæй аргъуанон   закъонтæмæ гæсгæйæ,   нæрайсгæ у   Гуырдзыстоны  территоримæ, æвварстæй  æндæр искæцы   рæстдинон   аргъуаны минæвæртты арвитын,  хуымæтæг  адæмон  тыгъдады   бакусынæн.

«Уæрæсейы  аргъуан  кæддæриддæр   нымадмæ иста  æмæ исы Гуырдзыстоны  аргъуаны   юрисдикци  куыд Абхазы, афтæ Цхинвалы регионы,  уый  тыххæй  дæр махæн   зынæмбаргæ у , ахæм архайд  æмæ  уæззау  уавæры  æфтауы     алкæй.

Аргъуанон закъонтæм гæсгæйæ,   нæрайсгæ у, Гуырдзыстоны  территоримæ, æвварстæй  æндæр искæцы   рæстдинон   аргъуаны минæвæртты арвитын,  хуымæтæг  адæмон  тыгъдады   бакусынæн.  Ахæм архайд  карз кæны  уавæр.

Ныфс дарæм,   амал уæвæгæйæ  райсдзыстут   мадзæлттæ нæ паддзахадты, адæмты  æмæ аргъуанты  æхсæн  ахастытæ   нормализацидзинадæн.

Арфæ  уын кæнæм  æнæниз куыд уат  æмæ   æнтыстытæ  уæ  бæрзонднысаниуæгджын куысты» –  банысангонд у  Илья Дыккагы   фыстæджы.