Илья Дыккаг - Президенттæм кандидаттæ арæх гуырымыхъхъ æфхæрынц сæ кæрæдзи, фæлæ хъуамæ зонæм, цæмæй искæй æфхæрын, адæймагæн ницы хорз æрхæссы
Президенттæм кандидаттæ арæх гуырымыхъхъ æфхæрынц сæ кæрæдзи, фæлæ хъуамæ зонæм, цæмæй искæй фæдæлæмæ кæнын кæнæ æфхæрын, адæймагæн ницы хорз æрхæссы – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илья Дыккаг хуыцаубонон динамынды рæстæджы райхъусын кодта.
Фырсыгъдæг фыд, президентон æвзæрстыты яæдыл фæныхас кодта. Илья Дыккаг рæстдинонтæм æрсидтис æмæ загъта, цæмæй зæгъгæ абон сæрмагонд бон у, уымæн æмæ Гуырдзыстон æвзары президенты.
«Абон сæрмагонд бон у, Гуырдзыстон æвзары президенты. Ацы хъуыддаг вазыгджын уыд раззаг бонты дæр æнæ æрмæст уыдонæн президенттæм кандидаттæ чи сты, фæлæ миа вазыгджын уыд адæм æппæтæн, æнæхъæнæй нацийæн. Арæх цау уыд кандидаттæ кæрæдзийы куы æфхæрдтой, æмæ уый нæ зæрдыл хъуамæ дарæм фидæны. ХЪуамæ æмбарæм цæмæй искæй æфхæрынæй адæймагæн йæхицæн ницы хорз уыдзæн.
НÆ цардæттæг нын амоны «Ракурут æмæ уæм лæвæрд æрцæудзæн « зæгъгæ, æмæ йæ цы хъуамæ ракурæм Хуыцауæй? ХЪуамæ йæм кувæм æмæ курæм ахæм монд æмæ нын сабырад куыд уа, æмæ нæ хъæбултæ хуыздæр цард куыд кæной ахæм.
Адæймаг йæхи æвзæр дæр хъуамæ уына. Незаманы ромæгтæ иу дзырдтой, дæхи зæгъгæ базон. ХЪуамæ нæхи базонæм æмæ ма хъуамæ кæсæм кæнæ каддæр ма хъуамæ уынæм искæмæ цы сахъаттæ ис уый.
Патриархийы мас æссыгъдтамцырæгътæ æмæ Хуыцаумæ скуывдтам, цæмæй Гуырдзыстоны сабырад куыд уа уый» – райхъусын кодта Патриарх.