Илья Дыккаг  - Хуыцауы  фарнæй  хайджын чи бауыдзæн,  уымæн йæ зæрдæ  уарзондзинадæй  æмæ  цинæй   байдзаг уыдзæн
Илья Дыккаг - Хуыцауы фарнæй хайджын чи бауыдзæн, уымæн йæ зæрдæ уарзондзинадæй æмæ цинæй байдзаг уыдзæн

Хуыцауæй  арфæ  кæмæ уыдзæн,  уый  хайджын уыдзæн   уарзондзинад æмæ  циндзинадæй –  уый фæдыл   Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  райхъусын кодта.

Илья Дыккаг Самебайы кафедралон аргъуаны  æрымбырдуæвджытæм динамындæй   баздæхт.

«Иу дзуттаг  асджын лæг лæууы  мæ зæрдыл,  кæцы  дзырдта, цæмæй  зæгъгæ  кæд  дæ мулкъ  фесæфтай æмæ фæмæгуыр дæ,  уæд дзы  ницы сæфт баййæфтай,  кæд  æнæниздзинад  фесæфтай, уæд  гæнæн ис  удæгас базаайай, фæлæ   рынчын, фæлæ дзы зæгъгæ  кæд  Хуыцауæй лæвæрд фарнæй  фæхъуаг дæ,  уæд  алцыппæт  фесæфтай. Хуыцау нæ бахизæнт, æмæ сфæнд кæнæнт  цæмæй Хуыцауы  арфæйæ  цух  ма баззайæнт.

Арфæгонд ут, фæрнæйдзаг. Хуыцауы  фарнæй  хайджын чи бауыдзæн,  уымæн йæ зæрдæ  уарзондзинадæй  æмæ  цинæй   байдзаг уыдзæн.  Афтæ кæрæдзиуыл баст у  алы  удон  цард»-  райхъусын кодта  Патриарх.