Илья Дыккаг - Хуыцауы  арфæйæ сарызтам Иверийы  Æппæтысыгъдæг  Мадымайрæмы  дзуары  номыл аргъуан,  кæцыйæ бæлвырд у, цæмæй   Гуырдзыстон   у  Иверийы Мады Майрæмы  аудын хайджын
Илья Дыккаг - Хуыцауы арфæйæ сарызтам Иверийы Æппæтысыгъдæг Мадымайрæмы дзуары номыл аргъуан, кæцыйæ бæлвырд у, цæмæй Гуырдзыстон у Иверийы Мады Майрæмы аудын хайджын

Хуыцауы  арфæйæ сарызтам Иверийы  Æппæтысыгъдæг  Мадымайрæмы  дзуары  номыл аргъуан,  кæцыйæ бæлвырд у, цæмæй   Гуырдзыстон   уæвы  Иверийы Мады Майрæмы  аудын хайджын –  уый фæдыл   Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх, Илья Дыкккаг  Махатайы  хохыл  аргъуаны  аргъуыды  фæстæ райхъусын кодта.

«Хуыцау зæгъы, Ацы  къæдзæхлурыл æз сараздзынæн ме’мбырд, æмæ йæ  ингæны дуæрттæ нæ бауромдзысты.  Хуыцауы фæндæй, æмæ йæ  арфæйæ  сарызтам ацы   аргъуан  Æппæтысыгъдæг  Мадымайрæмы  Иверийы   дзуары номыл.  Уымæй та бæрæг у  цæмæй   Гуырдзыстон   уæвы  Иверийы Мады Майрæмы  аудын хайджын. Æппæт нацийæ  райгонд стæм  цæмæй  абоын бон уыдзæн  хайджын, Гуырдзыстон уыдзæн  Мады  майрæмы  аудын хайон бæстæ æмæ  цын кæнын,  уыйимæ   разы кæй  сты  нæ премьер-министр, президент,   парламенты сæрдар. Хуыцау сфæнд кодта цæмæй Гуырдзыстон бауыдаит Мады  Майрæмы  аудын хайон бæстæ.   Апостолтæ   хал æппарын куы бахъавыдысты,  чи кæдæм хзъуамæ араст уыдаит   дин амонынæн,   уæд  хайад  иста  Мады Майрæм дæр, æмæ раст уый  хай фæцис  ИВерий.  Уыцы бонæй  Гуырдзыстон у  Æппæтысыгъдæг Мадымайрæмы  хайон бæстæ.   Арфæ уын кæнын  ацы  стыр бæрæгбон, арфæ уын кæнын  ацы  фæрнæйдзаг бон. Ноджы  иу  амонæг у  цæмæй нæ  Хуыцау  нæ ныууагъта. Чырысти Райсга!  Хуыцауæй фæдзæхст уæм.  Байрайут!» – райхъусын кодта Илья Дыккаг.

Гуырдызстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг  Махатайы  хохыл  Иверийы  Æппæтысыгъдæг  Мады Майрæмы дзуары  номыл  аргъуаны,  аргъуыд  абон  ауагъдта.