Илья Дыккаг- Хуыцау зæгъæт,Дидгорийы куыд фæуæлахиз Гуырдзыстон, афтæ  улахиз  уæнт кæддæриддæр
Илья Дыккаг- Хуыцау зæгъæт,Дидгорийы куыд фæуæлахиз Гуырдзыстон, афтæ улахиз уæнт кæддæриддæр

Дидгори нæма фæцис,  уæдмæ  цалынмæ  æгас  стæм,  цалынмæ нæ цард æрвитдзыстæм  зæххы цъарыл,  уæдмæ Дидгори   уыдзæн –  уый фæдыл  Æппæт гуырдзыстоны Каталикос –Патриарх Илья Дыккаг,  Самебайы кафедралон аргъуаны,  хуыцаубонон  динамынды рæстæджы райхъусын кодта.

Илья Дыккаг  Дидгорийы  хæсты  хъайтарты  удтæн   панихидæ скодта.

«Адæймаджы цард, афтæ  куыд нацийы  цард вæййы  хæстытæй –  тох  хæрзиуæг æмæ фыды æхсæн. Абон у дидгороба, сегасæ  стыр хæст кæцыйы  гуырдзаиг адæм бавзæрстой.  Сæрыфыццагæй  мах  хъуамæ  кувæм Давит Агъмашенебелийæн, кæцы афтæ  сплан кодта, афтæ  сæххæст кодта   æмæ уæлахиздзинад  æнæфевгъуыйгæ уыдис. Æнæкæсгæ уымæ æмæ  знаг  дæс хаттон фылдæр уыдис, Давит Агъмашенебели  стыр зондджындзинад равдыста. Давит Агъмашенебели   сæхгæдта фæстæмæ  фæндæгтæ. Уымæй  йæхи  дæр  баппæрста  тæссаг уавæр  фæлæ  йæм уыдис Хуыцауы ныфс æмæ  ацы  ныфс Гуырдзыстонæн  фæраст ис. Мæнæ  абон  Дидгоробайы кой кæнæм  æмæ Хуыцау зæгъæт,Дидгорийы куыд фæуæлахиз Гуырдзыстон, афтæ улахиз уæнт кæддæриддæр. Дидгори нæма фæцис,  уæдмæ  цалынмæ  æгас  стæм,  цалынмæ нæ цард æрвитдзыстæм  зæххы цъарыл,  уæдмæ Дидгори   уыдзæн. Ма хъуамæ  тæрсæм Дидгорийы   хæстытæй.  Æгæр вазыгджын  афон цæрæм,  уыцы  афоны æмæ  адæймаг  хъуамæ  равдыиса сæрæндзинад. Фыццаджы дæр  Сыгъдæг фыдтæ  фæзæгъынц,  цæмæй зæгъгæ  дæхиуыл  куы фæуæлахиз уай,  уæд  кæмфæндыдæр уæлахиздзау  уыдзынæ  зæгъгæ. Уый  хъуамæ дарæм нæ  зæрдыл» – райхъусын кодта Илья Дыккаг.