Илья Дыккаг Келли Дегнанимæ фембæлд – амондджын у адæм, аргъуанæн афтæ зондджын  разамонæг  куы ис уæд
Илья Дыккаг Келли Дегнанимæ фембæлд – амондджын у адæм, аргъуанæн афтæ зондджын разамонæг куы ис уæд

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх,  хистæр аргъуанархайджытимæ иумæ,  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар  Келли Дегнанæн йæ фæсдзæуинтимæ  сфысым кодта. Информаци хъусын кæны патриархи.

Патриархийы  хъусинагæй,  «Минæвар  Илья Дыккаг интронизацийæ 44-æм юбилей  раарфæ кодта  æмæ  бахахх кодта  Катликос-Патриарх Илья Дыккагы  роль, гуырдзиаг адæмы  царды, нацийы, кæцы  историонæй  бирæдинон  бæстæ у».

«Амондджын у  наци, аргъуанæн  ахæм зондджын разамонæг куы ис уæд», – бафтыдта ма уый.

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн  хæларадæн  нырид бирæ  азы  дæргъы  истори ис  æмæ хъуамæ  адарддæр уа.  Уыимæ иуму, Илья Дыккаг   минæвар раарфæ кодта  Гуырдзыстонæн æххуысы  тыххæй,  гуырдзиаг культурæйы  цыртты  æндидзын кæныны хъуыддаджы хайбавæрды тыххæй.

Патриархийы  информацийы  куыд дзырдæуы  афтæмæй,   йæхи æрдгæ Келли Дегнан  бахахх кодта  уыцы факт, ома  уыдонæн стыр кад у  хайбавæрд скæнын  ахæм ахсджиаг   куыльтурон  цыртты  ирвæзынкæныны, цахæм дæр сты  Гелаты æмæ  Дзуары  моладзандæттæ.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ фидæн азы æххæст кæны  30 азы сæр  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн дипломатон  ахастытæ райдаынæй æмæ уымæ гæсгæ  план кæны  æндæр æмæ æндæр  хуызы активондзинæдтæ, сæ нымæцы  Гуырдзыстоны регионтæм балц кæнын.