Илья Дыккаг - Фырсыгъдæг Мады Майрæмы Хорзуац Фехъуысæн (Хареба)  уыййыас стыр бæрæгбон у,  æмæ  ацы бон  цъиу дæр ахстон не скæны
Илья Дыккаг - Фырсыгъдæг Мады Майрæмы Хорзуац Фехъуысæн (Хареба) уыййыас стыр бæрæгбон у, æмæ ацы бон цъиу дæр ахстон не скæны

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  динамынд бакастис Сионы кафедралон аргъуаны  æрымбырдуæвæг  рæстдинонтæн æмæ сын  Фырсыгъдæг Мады Майрæмы Хорзуац Фехъуысæны (Харебайы) бæрæгбон раарфæ кодта.

«Арфæ уын  кæнын ацы стыр бæрæгбон.  Стæмты вæййы  Харебайы бæрæгбон   Стыр Сабатимæ кæй фемдзыд ис уый.  Архангел  Гавриил  фæзынд  Мады Майрæммæ  æмæ йæм æрсидтис –  Сцин кæн Майрæм, Хуыцау  демæ уæвы» – загъта Илья Дыккаг.

Патриарх æрсидтис  æрымбырдуæвджытæм  Мады Майрæммæ иумæ  скувынмæ.

«Ацы бæрæгбон уыййыас стыр бæрæгбон у,  æмæ  нæ фыдæлтæ куыд дзырттой,  уыдонæй  зонын –  ацы бæрæгбон  дам цъиу дæр ахстон не скæны зæгъгæ.  Скувæм Мады Майрæммæ, цæмæй  нын ратта, махæн, Æппæт Гуырдзыстон æмæ Дунейæн  дæр  сабырдзинад» –  банысан кодта Патриарх.

Абон рæстдинон аргъуан  Фырсыгъдæг Мады Майрæмы Хорзуацы Фехъуысæн (Хареба) бæрæгбон кæны.