Илья Дыккаг - Фæсарæнты  бирæ гуырдзиаг бады ахæстоны, мах  алы амæлттæй  хъуамæ бацархайæм,  цæмæй  кæрон скæнæм  ацы æппæрццаг  миниуджытæ
Илья Дыккаг - Фæсарæнты бирæ гуырдзиаг бады ахæстоны, мах алы амæлттæй хъуамæ бацархайæм, цæмæй кæрон скæнæм ацы æппæрццаг миниуджытæ

Фæсарæнты  бирæ  гуырдзиаг бады ахæстоны   къæрныхдзинадæн  кæнæ æндæр  фыдракæнды тыххæй,   мах  алы амæлттæй  хъуамæ бацархайæм,  цæмæй  кæрон скæнæм  ацы æппæрццаг  миниуджытæ –  уый фæдыл  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх  Илья Дыккаг,   диаспорæйы бонмæ нывонд  æрвылазон форумыл   дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Патриарх куыд банысан кодта,  афтæмæй,   диаспорæйы  куыст зæгъгæ,  егъау бандавдзæн визон режиммæ.  Илья Дыккагы  дзырдæй,   зæгъгæ  визон режиммæ фæрогдæр уыдзæн «кæд  гуырдзиæгтæ сæхи  æгъдауджындæр дардзысты».

Патриархы  домы  хицауадæй,   гуырдзиæгтæн фыдыбæстæмæ æрцæуын  фенцондæр кæна.

«Абон  лæууæм    нысаниуæгджын фарстайы  раз –  цавæр хайад хъуамæ исой  фæсарæнты цæрæг гуырдзиæгтæ  Гуырдзыстоны  рæзынады.   Хъуамæ  загъдæуа, цæмæй   сæ куыст  иттæг нысаниуæгджын у.   Уыдон  бирæ  аразынц  Гуырдзыстоны пайдайæн.   Райгонд стæм  цæмæй  бирæ ахуыргонд,  бирæ  адæймаг лæггад кæны  Гуырдзыстонæн æмæ  мæ ныфс ис, цæмæй  сæ  куыст  нысаниуæгджын уыдзæн  Гуырдзыстонæн, фæлæ  нæй мын бар нæ зæгъон, цæмæй ис  æппæрццаг  фæсртæ дæр.  Бирæ  гуырдзиаг  абон фæсарæнты  бадынц  ахæстæтты  къæрныхдзинадæн кæнæ æндæр  фыдракæнды  тыххæй.   Мах алцыппæт хъуамæ  саразæм цæмæй  кæрон скæнæм  ацы æппæрццаг фæрстæ.

Нæ  зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй диаспорæй  куыст, тынг бандавдзæн  визон режиммæ. Визон режим фенцондæр уыдзæн, кæд нæ гуырдзиæгтæ   æгъдауджын уыдзысты  фæсарæнты. Ныфс мæ ис  афтæ уыдзæн», –  райхъусын кодта Патриарх.