Илья Дыккаг- фæнды мæ сæрмагонд хъусдлард раздахон нæ æрыгонты  æрдæм, нæ фæсивæд у тынг  зондджын, фæлæ  саузæрдæ тыхтæ архайынц, цæмæй  Хуыцауы  къухтæй  ратоной нæ  фæсивæд
Илья Дыккаг- фæнды мæ сæрмагонд хъусдлард раздахон нæ æрыгонты æрдæм, нæ фæсивæд у тынг зондджын, фæлæ саузæрдæ тыхтæ архайынц, цæмæй Хуыцауы къухтæй ратоной нæ фæсивæд

Фæнды мæ  сæрмагонд  хъусдард  раздахон  нæ  фæсивæдмæ,   тынг зондджын фæсивæд у,  фæлæ  саузæрдæ тыхтæ архайынц, цæмæй  Хуыцауы  къухтæй  ратона кæной  нæ  фæсивæд –  уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх   Илья Дыккаг,  хуыцаубонон динамынды рæстæджы  Самебайы кафедралон аргъуаны   райхъусын кодта.

Патриарх  Гуырдзыстоны  ивгъуыды  бонтыл,  нырыккон  заман æмæ фидæны тыххæй  фæныхас кодта.

Илья Дыккаг куыд банысан кодта афтæмæй,   фидæны  фæсивæд  дæнц хъуамæ иса  ивгъуыдæй æмæ  фылдæлтæй.

«Абон у Мцхетели Эстатейы  бæрæгбон,  арфæ  уын кæнын.   Фæнды  мæ   фæныхас кæнон   нæ  ивгъуыдыл,  нырыккон  заманыл æмæ   фидæныл.  Ивгъуыд  хъуамæ  уа  нæ  ахургæнæнæг,  хъуамæ  сахуыр  уæм  цы  саразæм æмæ  цы саразынæй  та  нæхи куыд бахизæм.  Мах  фыд рæстæг рацыдыстæм,  бирæ хæст,  змæстытæ, фæлæ  нæ  æцæг  динæй   нæ  ахызтыстæм.  Хуыцауæн бузныг, цæмæй   нæм ацы арфæ  нæхимæ ныууагъдта.  Фæлæ  абон  та  фæстæмæ  зын рæстæджы  цæрæм,   афон та  фæстæмæ  у хæццæ-мæццæ,  фæлæ мах  уымæн  хъуамæ бафæразæм.

Фæнды мæ  сæрмагонд  хъусдард  раздахон  нæ  фæсивæдмæ,   тынг зондджын фæсивæд у,  фæлæ  саузæрдæ тыхтæ архайынц, цæмæй  Хуыцауы  къухтæй  ратона кæной  нæ  фæсивæд. Ныфс мæ ис  цæмæй  нæ  фæсивæд ацы  фыдæвзарæнæн   бафæраздзæн.

Мах архайæм æндæр бæстæты  дæнц  райсын, фæлæ нын нæхимæ ахæм ивгъуыд, ахæм фæлтæрддзинад ис, æмæ  æндæртæ  хъуамæ исиккой  дæнц  махæй, нæ фæсивæдæй. Фидæн  нæ   фæсивæды  къухты ис  æмæ Хуыцауы руаджы  бахъом  уыдзысты  хуыздæр фидæн  саразын.

Мах скувæм Хуыцаумæ, цæмæй  нæ  адæм йæ базыры бын бакæна.  Раттæнт нын тых  æмæ сабырдзинад, уый  у сегасæй  стырдæр  лæвар Хуыцауæй.