Илья Дыккаг -  цин æмæ  æнкъард   фаззон  æфсымæртау сты, иумæ  рацу-бацу кæнынц, арæх вæййы  хъынцъымæн йæ фæстæ  цин куы фæзыны
Илья Дыккаг - цин æмæ æнкъард фаззон æфсымæртау сты, иумæ рацу-бацу кæнынц, арæх вæййы хъынцъымæн йæ фæстæ цин куы фæзыны

Абон у  ракимæ  тохы  æхсæнадæмон  бон  æмæ  Хуыцау  зæгъæт  цæмæй,   адæймагад  ацы  æбуалгъ  тæссаг низ  басæттын  хъом бауа – уый фæдыл    Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг,  Сионы   Мадымайрæмы  номыл аргъуаны  хуыцаубонон  динамынды рæстæджы.

Илья Дыккаг  куыд банысан кота афтæмæй,   цин æмæ  æнкъард   фаззон  æфсымæртау сты,  иумæ  рацу-бацу кæнынц,  арæх вæййы  хъынцъымæн йæ фæдыл  циндзинад куы фæзыны.

«Абон у  ракимæ  тохы  æхсæнадæмон  бон æмæ Хуыцауæн скувæм,  цæмæй нæ хъæбулты  ацы  æбуалгъ   рынæй фервæзын  кæна. Хуыцау радзырдта  æмбисонд,   иу лæгæн уыд  дыууæ фырты æмæ  йын кæстæр загъта,  дада фæнды мæ мулкæй мæм цы  хай æмбæлы уый  раттай æмæ дæуæй хицæнæй  уон,  ацыд, ахаста   йæ фыд йын цы хай ратта  æмæ  сæ  хъахбайтимæ  æмæ æнæгъдау  цардыл ахардз кодта, афтæ фæмæгуыр ис æмæ иу комдзаг кæрдзынмæ бæллыдис.   Хуыгæсæй  куысты  æмæ хуыты    хойрагмæ дæр иу бæллыд,  ацы  рæстæджы  райдыдта фæсмон кæнын æмæ загъта  йæхи нымæры, зæгъгæ ацæудзынæн æам æмæ  зæгъдзынæн  цæмæй  дæ  хъæбулы ном хæссын аккаг,  фæлæ мæ райс   куыд   хуымæтæг кусæг афтæ.  Йæ  хæдзармæ куы фæхæццæ кодта  уæд ауыдта  йæ  фыды  æмæ йæ   фыдта йын ауыдта йæхи.  Уæд йæм йæ  фыд  разгъордта йæ фырты размæ,  ныхъхъæбыс ын кодта,  ныххатыр йын кодта уыцы  хъыг, æмæ йæ райста   зынаргъ фыртау,  радта йын дарæс дæр. Ацы  æмбисонд у  рагзагъд дæр, уый фæдыл цæмæй  адæймагад   Хуыцауæй  йæхи атигъ кæндзæн, фæлæ  афтæ  фыдбонтæ  бавзардзæн, æмæ  фæстæмæ  раздæхдзæн  куыд  æнаккаг  фырт йæ фыдмæ. Ахæм рæстæджы  цæрæм, æмæ  маст  арæх ныссæнды  адæймагы, фæлæ  адæймаг ма хъуамæ   сафа йæ ныфс,  кæддæриддæр хъуамæ  йæхи фæдзæхса Хуцауæн» –  банысан кодта  Патриарх.