Илья Дыккаг - Цардвæндагыл  бирæ  зындзинад  амбæлы адæймагыл,  ацы рæстæджы   йæ бахъæуы  æххуыс  æмæ арфæ
Илья Дыккаг - Цардвæндагыл бирæ зындзинад амбæлы адæймагыл, ацы рæстæджы йæ бахъæуы æххуыс æмæ арфæ

Цардвæндагыл  бирæ  зындзинад  амбæлы адæймагыл,  ацы рæстæджы   йæ бахъæуы  æххуыс, удон арфæ –  уый фæдыл  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Мцхета-Тбилисы сæйрагепископ, Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазы  митрополит Илья Дыккаг, самебайы кафедралон аргъуаны  динамынды рæстæджы загъта.

Илья Дыккагы  дзырдæй  зæгъгæ,  растдæр   Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг у  ахæм æххуысгæнæг.

«Арфæ  уын кæнын Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæгы гуырæн бон. Йæ  арфæйæ  хорзæхджын ут.  КУыд æй  зонут афтæмæй,  Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæгы ныйарджытæ æнæзæнæг уыдысты.  Иуæй-иу хуыцаумæскуывды рæстæджы  йæ фыд Закариа  куы æххæст кодта  скуывд,   уымæ  фæзындис  зæд  æмæ йын  загхта, цæмæй  йын уыдзæн хъæбул æмæ йын ратдзæн ном  Иаонн.  Закариа æмæ Элисабед  уыдыс  асджынтæ æмæ  сæ нæ бауырныдта цæмæй  сын  хъæбул райгуырдтаит æмæ  уый  тыххæй  багомыг сты. Æцæгдæр æрцыд  диссаг  æмæ  сын райгуырдис хъæбул, сывæрдтой  йыл Иоанн.   Ай уыд диссаг, Хуыцауы  амынд.  Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг амыдта  адæм сæ тæригъæддзинæдтыл куыд фæфæсмон кæной уый æмæ зæгъгæ адæймаг кæддæриддæр хъуамæ  уа  йæ  арфæйы бын. Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг адæмы куыд аргъуыдта Иорданы,  æд разындис  Хуыцау Йесо Чырысти  æмæ  Иоанн пехуымпариуæг скодта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн». Скувæм Хуыцаумæ цæмæй Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг уæт не æххуысгæнæг.  Нæ ацы  цæрдвæндаг хъæддыхæй  ацæуын куыд бафæразæм  уый  хъом нæ скæнæнт.  Цардвæндаг æнцон нæу. Бирæ  зындзинад рацæуы адæймагæн йæ размæ цардвæндагыл  æмæ ацы  рæстæджы йæ  хъæуы æххуыс æмæ арфæ.  Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг у  ахæм æххуысгæнæг. Йæ хорзæх уæ  уæнт сымах æмæ Æппæт Гуырдзыстонæн»- райхъусын кодта Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх.