Илья Дыккаг баздæхт Франк-Вальтер Штайнмайермæ -  ахæм фæндаг рацыдыстут  дипломативон куысты, æмæ уын нæ фæзын уыдзæн оккупацийы проблемæйы хъуыддаг бынатæй фезмæлын кæнын [фото]
Илья Дыккаг баздæхт Франк-Вальтер Штайнмайермæ - ахæм фæндаг рацыдыстут дипломативон куысты, æмæ уын нæ фæзын уыдзæн оккупацийы проблемæйы хъуыддаг бынатæй фезмæлын кæнын [фото]

Паддзахадон визиты фæлгæтты Германийы  президент  Франк-Вальтер Штайнмайер  Æппæт гуырдзыстоны Каталикос-Патриархимæ Илья  Дыккагимæ фембæлд.

Райгонд дæн, стыр  кад мын у   уемæ  базонгæ – афтæ баздæхт Æппæт гуырдзыстон Каталикос Патриархмæ  Германийы президент  Франк-Вальтер Штайнмайер.

Илья Дыккаг  уазæгæн раарфæ кодта цæй фæстæ дæр Германийы  президентмæ баздæхт.

«Зæрдиагæй  уын арфæ кæнын сымахæн, уæ бинойнагæн,  уемæ  уæвæг уæнгтæн, Гуырдзыстоны аргъуаны номæй  æмæ сæрмагондæй  мæхицæй.  Уæ визит  иттæг нысаниуæгджын у  æмæ нæ адæм  стыр ныфсæй  кæсы  уæ  визитмæ.

Зонут æй  проблемæтæ  бирæ ис  æппæт  Дунейы  æмæ   уый нымæцы  Гуырдзыстоны дæр. Хъуыды кæнæм, цæмæй   сеппæтæй  стыр æмæ риссаг проблемæ у территорион æнæхъæндзинады проблемæ.   20 процент  раскъуыдта  æндæр бæстæ, фæлæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй  Уæрæсейæн  дæр  тынг вазыгджын у ацы проблемæ. Алцыппæт хъуамæ сырæза  цæмæй фæнысангонд проблемæ аскуыддзаг уа.  Хъуыды кæнæм  цæмæй  Германимæ ис  уый тых æмæ  авторитет,  цæмæй  активон хайад иса  ацы  процессыю   Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æфсæддон базæтæ  ист хъуамæ æрцæуой  ацы территоритæй. Сымах ахæм фæндаг рацыдыстут  дипломативон куысты, æмæ уын  нæ фæзын уыдзæн  хъуыддаг фезмæлын кæнын.   Ноджы  уын иу  хатт арфæгæнæг дæн  æмæ стыр ныфсæй кæсын  уæ  визитмæ» баздæхт Илья Дыккаг  Франк-Вальтер Штайнмайермæ.