Илья  Дыккаг   - æвзæр фæзындтæ тынг кæнынц  нæ алыварс, уый тыххæй мæ фæнды бафæдзæхсон уæ, арæхстгай ут æмæ  ма фæрæдийут
Илья Дыккаг - æвзæр фæзындтæ тынг кæнынц нæ алыварс, уый тыххæй мæ фæнды бафæдзæхсон уæ, арæхстгай ут æмæ ма фæрæдийут

Æвзæр фæзындтæ айтынг сты  нæ алыварс, уый тыххæй мæ фæнды  зæгъон уын,  цæмæй  тынг арæхстгай  ут  æмæ  ма фæрæдийут – уый фæдыл   Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг   Смаебайы кафеддралон   аргъуаны,  хуыцаубонон   динамынды  рæстæджы райхъусын кодта.

«Мах цæрæм   тынг  вазыгджын дуджы,  æвзæр  фæзындтæ тынг кæнынц  нæ алыварс, уый тыххæй мæ фæнды бафæдзæхсон уæ,  арæхстгай  ут  æмæ  мА  фæрæдийут.  Ныфс мæ ис  Хуыцау нын сабырдзинад  ратдзæн.  Зонут цæмæй  Гуырдзыстон, Мадымайрæмы аудындзинады  хайджын бæстæ у, сæрмагондæй  ауды  гуырдзыстоны» –  банысан кодта  ИИлья Дыккаг.

Уыйимæ иумæ, Патриархы  дзырдæй,  бардарæг  Калистраты  абон,  Баграты аргъуаны бавæрдзысты.

«Цардæй  ахицæн ис  бардарæг Калистрат. АБон  йæ  мардæвæрæн  Кутаисы   Баграты аргъуаны   ацæудзæн,   Хуыцаумæ  скувæм цæмæй йæ  райса» –  райхъусын кодта Патриарх.

Илья  Дыккаг  куыд райхъусын кодта афтæмæй,    Петр-Павлы   комдарæны  периоды,  æртыццæг  æмæ  майрæмбонæй уæлдай,   кæсагæй   уæгъд уыдзæн.

«Сом райдайы   Петр-Павлы  комдарæн. Ацы  комдарæны  рæстæджы,  каæсаг хæрæн  нæй  æртыццæг æмæ майрæмбон, иннæ  бонты   уæм ис бар  æмæ арфæ  кæсаг райсынæн» –    бацамыдта Патриарх.