Илья Дыккаг – æцæг у æнæ Хуыцауы фæндæй ницы æрцæуы, фæлæ нæ  адæймаджы царды æдасдзинадыл фылдæр сагъæс кæнын хъæуы
Илья Дыккаг – æцæг у æнæ Хуыцауы фæндæй ницы æрцæуы, фæлæ нæ адæймаджы царды æдасдзинадыл фылдæр сагъæс кæнын хъæуы

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг  Тъхъибулы  трагедимæ  гæсæ,   мæсæллæйы  фыстæг хæлиу кæны.

Мæсæллæйы  фыстæг публикацигонд æрцыд   Гуырдзыстоны патриархийы  веб-фарсыл.

«Стыр у нæ  зæрдæрыст  Тъхъибулы  шахтæйы  трагедийы  тыххæй,   кæцыйы амæттаг  фесты  æхсæз адæймаг.  Æцæг у, æнæ Хуыцауы фæндæй ницы æрцæуы,  фæлæ вæццæгæн  нæ  фылдæр быхсын хъæуы  адæймаджы  цард баиргъæвынæн.

Тъхъибулы   Минделийы номыл   шахæтйы  æрцæугæ æнамонд   цауы амæттаг фесты æхсæз адæймаг, зиæнттæ райстой  ноджы  æртæйæ.

МХМ-ы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,     фæдагуырды  фыццагон информацийæ,    шахтæйы  иуæй-иу  тунелы  сырæзт къулты деформаци,  кæцыйы  фæстиуæгæн  æркалдис цар.  Факты фæдыл хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  240-æм  статийы  дыккаг хайæ,  кæцы йæ хъуыдыйы дары   хæххон,   арæзтадон  кæнæ æндæр  куыстыты рæстæджы æдасдзинады  фæткæвæрд  саст.

Тъхъибулы  æрцæугæ  æнамонд цауы  тыххæй, Гуырдзыстоны абон расидтæуыд   фыдохы бон.