Илья Дыккаг - адæймагæн йæ  æрдзы, уды æмæ  хъуыдыты  ивдтытæ  куы ис, уæд  фылдæр хъусдард хъæуы, цæмæй йыл фыдæвзарæн ма фæтых уа
Илья Дыккаг - адæймагæн йæ æрдзы, уды æмæ хъуыдыты ивдтытæ куы ис, уæд фылдæр хъусдард хъæуы, цæмæй йыл фыдæвзарæн ма фæтых уа

Абон, адæймагæн йæ  æрдзы, уды æмæ  хъуыдыты  ивдтытæ  куы ис, уæд  фылдæр хъусдард хъæуы, цæмæй йыл фыдæвзарæн ма фæтых уа –  уый фæдыл Æппæт гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья  Дыккаг   райхъусын кодта Фырсыгъдæг Самебайы кафедралон аргъуаны  Æндæгъуызон кæныны бæрæгбонмæ гæсгæ уагъд динамынды рæстæджы.

«Абон хъуыды  кæнæм цы хъуамæ саразæм,  цæмæй  нæ  удтæ  фендæргъуызон уой.  Æнæивгæйæ ницы  вæййы,  алцыппæт ызмæлы, алцыппæт ивы. Незаманы  ромæгтæ  дзырдтой, цæмæй зæгъхгæ  ивы афон æмæ мах дæр  уыйимæ иумæ  фендæр вæййæм.  Абон, адæймагæн йæ  æрдзы, уды æмæ  хъуыдыты  ивдтытæ  куы ис, уæд  фылдæр хъусдард хъæуы, цæмæй йыл фыдæвзарæн ма фæтых уа. Адæймаг кæнæ  уæлæмæ  цæуы  æххæстдзинады фæндагыл,  кæнæ бынмæ.  Алы  амæлттæй  хъуамæ бацархайæм цæмæй нæ фæндаг уа  хуыздæры æрдæм  æмæ  Хуыцауимæ æдæсргæйæ  фембæлæм» – райхъусын кодта Патриарх.