Илья Дыккаг -  ацы  40 азы  уыдысты тынг уæззау, æмæ  бузныг алкæмæн, æнæсымах  æз аййас хъуыддæгтæн  нæ  бахъом уыдаин
Илья Дыккаг - ацы 40 азы уыдысты тынг уæззау, æмæ бузныг алкæмæн, æнæсымах æз аййас хъуыддæгтæн нæ бахъом уыдаин

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг   патриархæй  суæвыны  40 азы  юбилеймæ  гæсгæ  арфæты тыххæй  бузныг дзуры.

«Мæнæн, цæй зæгъын æй хъæуы,   тынг  цин сты  ацы арфæтæ.  Алкæмæн дæр бузныг  æмæ  мæн фæнды   зæгъон цæмæй,   ацы 40 азы  уыдысты сегасæй  уæззау азтæ,  фæлæ Хуыцауы руаджы    мах  ацы  азтæ рацыдыстæм æмæ сæ нæ фæстæ фæуагътам. Уе рдыгæй  аййас  æххуыс æмæ   уарзондзинад куы  нæ  уыдаит уæд æз   аййас  хъуыддаг саразын нæ бафæрæзтаин.Мæ  зæрдыл ралæууыд иу  цау,   Германийы куы уыдтæн, уæд мæм студенттæ рбацыдысты  æмæ мын сæ иу  загъта – Зынаргъ Патриарх Афтæ дам дæ  уарзын куыд Гуырдзыстон.   Бузныг уын алкæмæн дæр,  чидæриддæр кувы   мæнæн æмæ мæн тыххæй,  ай  тынг зынаргъ у мæнæн.  Хуыцауæй фæдзæхст ут» –   расидтис Илья Дыккаг.

Абон  æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы, Илья Дыккагы, патриархæй суæвынæй  40 азы сæххæст.

Бæрæгбонон литургийы Патриарх,  аргъуанархайджытимæ иумæ Светицховелийы  кафедралон аргъуаны  æххæст кæны.