Илья Дыккаг  9 апрелы  фæмардуæвджыты номыл панихидæ  ауагъдта
Илья Дыккаг 9 апрелы фæмардуæвджыты номыл панихидæ ауагъдта

9 апрелы   мемориалы  цур цъус  рæстæг  размæ бацыд   Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг.

Илья Дыккаг  фæмардуæвджыты номыл  панихидæ  ауагъдта.

Бынатыл уыд  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы  æмбынативæг  митрополит  Шио.

9 апрелы  фæмардуæвджыты  номæн абон сæумæрайсомæй    скад кодтой  политиктæ  æмæ   æмбæстæгтæ.

Мемориалы цур уыд  Гуырдзыстоны  президент  Гиорги Маргвелашвили,  премьер-министр Гиорги Квирикашвили,   парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе æмæ Тбилисы мэр  Каха Каладзе.  Уыдон мемориалы цурмæ  бахастой  дидингуытæ  æмæ   фæмардуæвджыты  ном ссардтой.

9 апрелы  трагедийæ  29  аз рацыд.  1989 азы  9 апрелы, боныцъæхыл,  Советон цæдисы  гарзджын  тыхты  дæлхайадтæ  Тбилисы центры,   парламенты  бæстыхайы   цур, сабырадон   протестон  акци  ныппырх кодтой,  кæцы  расидтис   амæттаг.

Ныссæндыны фæстиуæгæн   21 адæймаг амард,  æрмæст мингай æмбæстаг  та   æнæбæрæг   газæй  фæхъæстæ ис.

Фæстæдæр 1991 азы  9 апрелы  та  Иуыл Бæрзонд  Совет, Гуырдзыстоны  падзахадон  хæдбардзинады  ногæй  рацарæзты фæдыл райхъусын кодта.

9 апрел  Гуырдзыстоны   иуыл ног   историйы  фыст æрцыд  трагедийы  æмæ   иурæстæгонæй   Гуырдзыстоны бархионы  сæндидзыны  бонæй.