Илья Дыкаг - Скъолайы ахуыр кæнын æгъгъæд нæу, нæ хъусдард хъуамæ раздахæм хъомылады æрдæм
Илья Дыкаг -  Скъолайы ахуыр кæнын æгъгъæд нæу, нæ хъусдард хъуамæ раздахæм хъомылады æрдæм

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг, Тбилисы Хоравайы уынгыл  æнахъомты   марындзинады тыххæй фæныхас кодта.

Патриарх  абон Самебайы  аргъуаны  динамынд бакастис  æмæ банысан кодта, Тбилисы  тынг уæззау  цау кæй æрцыд уый.

«Тынг уæззау цау у  –  æнахъомтæ  кæрæдзийы ныццагъдтой,  дыууæйæ  фæмардысты.  Ацы цау нын ноджы иу хатт амоны уый,  цæмæй  сæрмагонд хъусдард  хъуамæ равдисæм   сывæллоны  хъомылкæныны рæтæджы.  Æрмæст сколайы ахуыр кæнын æгъгъæд нæу, æгъдаумæ гæсгæ  хъуамæ  уа сæ хъомылад.   Вæццæгæн  нæ  хицауад  хъуамæ ахъуыды кæна   уый тыххæй,  цæмæй скъолайы уа  религийы  историй, удон фарстытæ… Ахæм цаутæ мауал хъуамæ  сфæлхатт уа Гуырдзыстоны.  Хуыцауы руаджы рухсаг уæт  уыцы æнахъомты  удтæ» –  бансыан кодта  Патриарх.

Тбилисы Хоравайы уынгыл   фыццаг декабры  æнахъомты  æхсæн быцæудзинады амæттаг фесты дыууæ æнахъомы.  Дыууæдæр уыдысты 51  скъолайы  ахуыргæнинæгтæ.  Марындзинады  зылынмæ лæврдтæ  та фыццаг эксперименталон  скъолайы ахуыр кодтой.