«Human Rights Watch» 2019-æм азы хаццæгы Гуырдзыстоны адæймæгты барты къуымæй уæвæг ситуацийыл дæр ис ныхас

Бартæ хъахъхъæнæг организаци «Human Rights Watch» 2019-æм азы хаццæг парахат кæны, кæцыйы ивгъуыд азы  адæймæгты барты къуымæй  дунейы, се æхсæн Гуырдызстоны, уæвæг уавæрыл цæуы ныхас.

«2019-æм азы Гуырдзыстоны политикон быцæудзинады æмæ протестон акциты фоныл, кæцытæ æвзарæнон системайы реформæты сарæзтæн уыдысты уагъд, июны сабырадон акцитæ хицауад æнæпропорцион тыхы спайдайæ ныппырх кодта. Пырхы рæстæджы бирæ адæймаг райста æндæр æмæ æндæр хуызы зиан æмæ бирæты æрцахстой. Политикон кризисы фæарфдæрæй хибахазтæн парламенты сæрдар йæ постæй ацыд, «Гуырдзийаг бæллицы» парламентон фылдæры хай 2020 азы æвзæрстыты пропорцион системайæ ауагъды ныхас ратта, фæлæ уыцы инициативæ фæстæдæр нæ сыххæст кодта.

Тыхстдзинад расидтис æндæр фарстатæ дæр, се æхсæн куысты законы регцуляцитæ, кæцытæ риск хæссынц кусджыты æдасдзинадæн.