Гуырдзыстоны   Украинæйы  минæвар  - Фæнды мæ  зæгъын  Уæрæсейæн,  ныууадзут нæ нæхи бар, Гуырдзыстон æмæ  Украинæйы уæ аудындзинад  ницæмæ хъæуы
Гуырдзыстоны Украинæйы минæвар - Фæнды мæ зæгъын Уæрæсейæн, ныууадзут нæ нæхи бар, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы уæ аудындзинад ницæмæ хъæуы

Гуырдзыстоны   Украинæйы  минæвар  æмæ   Украинæйы   хъахъхъæнынады  министры   раздæры  хæдивæг Игорь Долгов  Европæйы советы   Уæрæсейæн  хъæлæсы бар  æрыздахын хоны  европаг демократийы  æмæ  европаг хæзнатыл  гадзрахатæй  рацыдæй.  Уый   уырнæг  у,   цæмæй  Европæйы  советы  политикъон элита  тагъд бамбардзæн,  куыд серьозонæй  фæрæдыд ис уый.

«Уый цыдæриддæр   Страсбургы  æрцыд у,  фæзынд, кæцыйы  тыххæй  фæхудинаг уыдзысты европаг депутаттæ –  уыдон чидæриддæр Уæрæсейæн йæ  фарс рахæцыд.  Мах  райгонд стæм уыцы  фактæй, цæмæй   Гуырдзыстон, Украина, Балтийыбылы бæстæтимæ, Польшæимæ иумæ  ацы  ситуацийы   æмуд сты.  Реалонæй   Евросоветы  Уæрæсейы   Федераци   70  милуан   евройæ  индульгенци  балхæдта, гуырдзиæгты æмæ  украинæгты  калд тугы тыххæй  æхца бафыста.  Уæрæсе бафыста суммæ  Абхаз æмæ  Цхинвалы регионы оккупацийы  тыххæй,  Хъырымы   анексийы, Донбасы цæугæ   хæсты тыххæй.   Украинæйы  æмбæстæгтæ, наудзогтæ  абон дæр  ахст сты  Уæрæсейы  ахæстæтты æнæзакъононæй, уыдон амынæты  сты æмæ  Уæрæсе уый  тыххæй  æхца  бафыста,  тугджын æхца», –   райхъусын кодта   украинаг   дипломат  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ эксклюзивон интервьюйы.

Минæвары  дзырдæй,  æнæнхъæлæджы нæу зæгъгæ  цæмæй Уæрæсейы æрыздæхтæн  сæхъæлæс кодтой   уыцы   бæстæтæ,  кæцыты  хицауадты  хай, хæстæг сты Владимир Путинимæ.

Организаци æртæ аргъдзинадыл  æнцойæввæрд у –  рæстдзинад,  адæймаджы бартæ  æмæ закъоны сæрагдзинад.  Зæгъут мын,  искæцы,  кæцыйы Уæрæсе  хæссы?!  Иу дæр нæй, иннæ дæр нæй  æмæ нæдæр æртыккагы  абоны  Уæрсейы Федераци  не æххæст кæны. Евросоветы  æрдгæй  й  уыд гадзрахзатдзинад   принциптыл æмæ  Европаг демократийыл.  Æнæнхъæлæджы нæу, цæмæй   Уæрæсейы  æрыздæхтæн схъæлæс  кодтой   уыцы  бæстæтæ, кæцыты  хицауадты  хæйттæ  Владимир Путинимæ хæстæг сты, æрмæст йæ ныхмæ схъæлæс кодтой алы уыцы  бæстæтæ,  кæцытæ  уырыссаг агрессийы  объектæй, иууыл  цъус иу  хатт уæддæр  уыдысты.  Мах зонæм, мах æмбарæм  цæмæй  цæй йас  тас  цæуы  Кремлæй» –   райхъусын кодта  Игорь Долгов.

Уæрæсейы  Федерацийæн хъæлæсы бары  æрыздахыны  ныхмæ уыдысты  Гуырдзыстон, Украина, Лиетува, Латвий, Эстони, Польшæ, Швеци æмæ  Иугонд Паддзахад.

Игорь Долговæн сеппæтæй  тыхджындæр диссаг уыдис, Нидерландты   паддазахады делегацийы  æрдгæй  фарсхæцын  Уæрæсейæн санкцитæ  аивынæн.

«Æз нæ  зонын,  куыд хъуамæ ныккæсой  цæстытæм   сæрмагонд адæмæн  зæгъæм Нидерландты  делегацийы  уæнгтæ.  Уыдон фактонæй   йæ фарс рахæцыдысты   уыцы бæстæйæн,  кæцыйы  æрдыдæй сепаратисттæ   2014  азы  æрыппæрстой Боинг.  Ацы Боингы растдæр Нидерландты  æмбæстæгтæ бадтысты.  Никуы  мæ ферох уыдзæн, уыцы   трагедийы рæстæджы Брюсселы  уыдтæн æмæ  иуæй-иу голландиаг   политикъ  мын загъта,  зæгъгæ зын бауырнинаг у, фæлæ уыцы  бортыл уæвæг   алы  голландиаг, нæ   зонгæтæ кæнæ  хæлæрттæ  кæнæ хæстæджы сты, уымæн æмæ Нидерландтæ  тынг чысыл бæстæ  у зæгъгæ.   Никуыд æмбарын,  куыд  рахæцыд  алцыппæт уый  фæстæ,  ацы  бæстæйы  делегаци,   Уæрæсейæн  санкцитæ  аивыны  фæдыл  уынаффæйæн йæ  фарс?!» –  райхъусын   кодта Долгов Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ интервьюйы  рæстæджы.