Гуырдзыстоны уæлхох  цæрæн пунктыты  ранымад  æмæ Хохы закъонæй уагæвæрд  уæлбартæй  пайдагæнджыты  нымæц, гæнæн ис  фæфылдæр уа
Гуырдзыстоны уæлхох цæрæн пунктыты ранымад æмæ Хохы закъонæй уагæвæрд уæлбартæй пайдагæнджыты нымæц, гæнæн ис фæфылдæр уа

Гуырдзыстоны уæлхох  цæрæн рæтты  ранымад æмæ бенефициарты  нымæц,  кæцытæм æххæссы  «уæлхох регионты» фæдыл закъон,  гæнæн ис  райрæза.  ФÆнысангонд фарстайыл уынаффæ кæнынц  Уæлхох регионты  райтынгы  националон советыл,  кæцы  ацыд   Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы  сæрдариуæгæй.

Премьер-министры  пресс-куысты   хъусинагæй,    хицауады сæргълæууæгы барамындæй  сырæздзæн  кусæг къорд, кæцы ногæй  æркæсдзæн   уæлхох цæрæн раны статус раттыны критеритæ.  Афтæма,  арглæвæрд æрцæудзæн, «Уæлхох регионты фæдыл закъонæй» райст пайдайæн, æмæ ма  бакусдзысты  фæдылдзог архæйдтыты  план, уый  нымæцы  фæнысангонд закъоны æндæвдады  ареал  ауæрæх кæнынмæ гæсгæ.

Премьер-министры фидиуæнмæ  гæсгæйæ,   хицауады приоритет у, максималонæй баахъаз кæнын  уæлхох хъæуты  цæрджытæ, афтæма  цæрджыты  фæстæмæ  æрыздæхын кæцы у  сегасæй сæйраг  нысан  ацы закъонæн.

Закъоны  скусын кæныны бонæй,  уæлхох хъæуы  статус  лæвæрд æрцыд  1730  цæрæн пунктæн,  кæцыты  цæрынц  243 000 цæрæгы, кæцытæ  пайда кæнынц  закъонæй  бæрæг  уæлбартæй.

Премьер-министры  пресс-куысты   бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, 2017 азы  дæргъы,  уæлхох цæрæн пунктыты цæрджытæм лæвæрд  æрцыд  66 милуан   лари финансон  æххуыс, æмæ  бамхасæнтæ,   сæ цæрæн уавæрты  фæхуыздæр  кæнын æмæ  хохы  цæрджыты нымæц ма фæхъуаг кæныны нысанæй.