Гуырдзыстоны  сурзæххон   транспорты  агентады  суыддзагæй, Липецкы  цур  фæндагон-транспортон цауы  фæстиуæгæн рог  зиæнттæ райстой,  раласдзысты  Гуырдзыстонмæ
Гуырдзыстоны сурзæххон транспорты агентады суыддзагæй, Липецкы цур фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн рог зиæнттæ райстой, раласдзысты Гуырдзыстонмæ

Гуырдзыстоны  сурзæххон   транспорты  агентады  суыддзагæй, уыцы  бæлццæттæ, кæцытæ  Уæрæсейы горæт  Липецкы  цур  фæндагон-транспортон цауы  фæстиуæгæн рог  зиæнттæ райстой,  раласдзысты  Гуырдзыстонмæ,  – уый  тыххæй   информацийы, хъусын кæны  экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ  рæзынады  министрад.

«Фæндагон0-транспортон   цау  Уæрæсейы   Федерацийы, Липецкы  бæстæйы,  Становлянскы  районы   цæрæн пункт  Яркиномæ  хæстæг  26  декабры   магистралыл æрцыд,  кæцы  рæстæджы дæр   сфæлдæхтис, Мæскуы-Тбилисы  рейс æххæстгæнæг   бæлццонон   автобус.

Фыццагон  бæрæггæнæнтæй,   автобусы   бадтысты  19  гоймагы. Фæндагон цауы  фæстиуæгæн цæфтæ  райстой   17   бæлццон,  уыдонæй   авды фæхæццæ  кодтой  стационармæ.  Фæндагон  цауы   фæстиуæгæн,  фæмард дыууæ  адæймаг.

Фактыл   райдыдтой  тугтæрхоны барады  хъуыддаг  æмæ  цæуы  фæдагуырд. Кусы  тæвд хахх.   Уæрæсемæ  араст уыдзысты   Швейцарийы  минæварады  Гуырдзыстоны  секцийы   кусджытæ  æмæ  абæрæг кæндзысты  зианбайафджыты», – банысангонд у экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады  министрады ахæлиугонд  информацийы.