Гуырдзыстоны сабиты хæринагы, компани Lactalis-ы продукци уæйгæнæн хизæй ист цæуы
Гуырдзыстоны сабиты хæринагы, компани Lactalis-ы продукци уæйгæнæн хизæй ист цæуы

Францаг компани Lactalis –ы сабиты хæринагы партитæ фæстæмæ аласдзæн. Аххосаг цалдæр бæстæйы салмонеллайы бактерийы апарахат сиис. Информаци уый фæдыл CNN æмæ “Америкайы хъæлæс» парахат кæны. Францаг ставд компани экспортон продукцийы фæстæмæ аздæхт уый фæстæ райдыдта, Францы сабитæм салмонеллайы бактерийы апарахаты 26 факт куы рабæрæг ис. «Америкайы хъæлæс»-ы информацийæ, потенционæй тæссаг продукцийы экспорт уыд Гуырдзыстонмæ дæр, афтæ дæр Китай, тайвань, Пакистан, Ирак, Мароко, ливан, Судан, Румыни, Греци, Гаити, Колдумби æмæ Перумæ. Францы хицауад рапарахат кодта продуктты номхыгъд, кæцыты ауæй æмæ экспорт фæтобæ ис, се æхсæн ис Celia, Milumel æмæ  Picot-ы продукци. Æнæниздзинадæн тæссаг хæринаг Францы цæгат-хурныгуылæн хайы уæвæг амалиуæгы уыд арæзт. Фæстæмæ аздæхты бын фæцис продукци, кæцы 2017-æм азы февралы астæукаг датæты арæзт продукци. Агентад «Франс пресс»-ы информацийæ ныхас цæуы 7700 тоннайыл. Компани Lactalis  хатыр куры арæзт ситуацийы фæдыл æмæ рынчынгонд сабиты ныййарджытæн.