Гуырдзыстоны рæстдинон  аргъуан  25 марты  автокефалийы  ногæй рацарæзты бон нысан кæны
Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан 25 марты автокефалийы ногæй рацарæзты бон нысан кæны

Гуырдзыстоны рæстдинон  аргъуан  25 марты  автокефалийы  ногæй рацарæзты бон нысан кæны.

Фæнысангонд  датæмæ  гæсгæ, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарзх,  Илья Дыккаг  бæрæгбонон куывд  сæххæст кæндзæн Сионы кафедралон аргъуаны.

Гуырдзиаг рæстдинон Аргъуан   автокефалий  Антиохы  аргъуанæй   райста  457 азы.  Уæрæсейы  импери та, Гуырдзыстоны рæстдинон   аргъуаны  автокефали  1811 азы  аивдта.  Автокефалийы  ногæй рацаразыны  онг, Уæрæсейы  синод   гуырдзаиг аргъуанæн къухдариуæг кодта экзархатты руаджы.

Гуырдзыстоны  рæстдинон аргъуан  автокефали йæхимæ æрыздæхта 1917  азы.  Йæ хæдбардзинад нымадмæ райста алы  рæстдинон аргъуан, фæлæ   уый   фыстæй  бæлвырд не рцыд.  Уæрæсейы  аргъуан  Гуырдзыстоны  аргъуаны  автокефали нымадмæ райста æрмæст  1943 азы. Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккагы  сæрмагонд фæнды  руаджы та,   Дунейы  Патриархий,  Гуырдзыстоны автокефали нымадмæ официалонæй райста  1990 азы  4 марты.

Гуырдызстоны аргъуаны  автокефалийы  сæндидзыны  100  азысæр,  ивгъуыд азы  масштабонæй  банысан ис.