Гуырдзыстоны  премьер-министр Азербайджаны президентæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты  хицаугæнæг партйиы уæлахиздзинад арфæ кæны
Гуырдзыстоны премьер-министр Азербайджаны президентæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты хицаугæнæг партйиы уæлахиздзинад арфæ кæны

Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа  Азербайджаны президент Ильхам Алиевæн  æмгъуыдагъоммæ   парламентон æвзæрстыты  хицаугæнæг   партйиы  уæлахиздзинад арфæ кæны.

Азербайджаны президенты пресс-куыст   куыд  хъусын кæны  афтæмæй,   Гиорги Гахариа,  Азербайджаны  лидеримæ телефонæй  аныхас  кодта  æмæ   Ильхам Алиевæн   æмгъуыдагъоммæ   парламентон æвзæрстыты  хицаугæнæг   партйиы  «Йени Азербайджаны»  уæлахиздзинад раарфæ кодта.

Уымæй  дарддæр ма,   Гуырдзыстоны премьеры  æмæ   Азербайджаны   президент дыууæ бæстæйы  æхсæн хæлар  ахастытæ  рапарахат кæнын бахахх  кодтой.

Азербайджаны  æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ  9 февралы  ацыдысты.