Гуырдзыстоны Патриархи  ахæлиугонд файлты тыххæй  фидиуæн аразы
Гуырдзыстоны Патриархи ахæлиугонд файлты тыххæй фидиуæн аразы

Гуырдзыстоны Патриархий  ахæлиугонд файлты тыххæй  аразы куырдиат.

Куыриадты  банысангонд куыд у афтæмæй,  ахæлиугонд файлты  стыр хай  гæдыдзинад у, иннæ хайы та  гæдыдзинад æмæ  рæстдзинад сты  хæццæ-мæццæ, иуæй-иу ран та  ис  рæстдзинад дæр.

«Куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   зæгъгæ  кæд файлтæ æнæсанкциргонд  байхъуыстæй  сты  арызт æмæ  уæлдайдæр  сæ мидæг рæстдзинад æрмæст хайгай у бавдыст,  уæд сæ бæлвырдгæнæн документон æрмæгы бавдисыны цауы дæр   стыр æвæццæгæнад ис  цæмæй фабрикаци уа, уæлдайдæр  нырыккон технологиты уавæрты  æмæ уыцы быцæудзинад  хынцгæйæ, кæцы азты дæргъы  аргъуаны ныхмæ æххæст кæнынц бæрæг тыхтæ.  Уый тыххæй  дæр ахæм ныффыстыты автентондзинад  æнæмæнгæй  сбæлвырд кæнинаг у» – дзырдæуы  фидиуæны.

Патриархийы нымайынц  цæмæй иттæг нысаниуæгджын у  æрцæугæ  фыдракæндыл  фæдагуырд афоныл  ауадзын , уымæн æмæ уый  паддзахады  националон æдасдзинад æмæ  джелбетты  хъуыддаг у.

«Лæмбынæг нæ хъус дарæм  цæугæ процесстæм  æмæ нæм уыдзæн æмбæлгæ реакци  нысаниуæгджын фарстæтыл.

Гуырдзыстон æмæ Гуырдзыстоны аргъуан бирæ  фыдбылызæн бафæрæзтой æмæ  Хуыцауы фæрцы, амæндæр бафæраздзыстæм.  Нæ адæм сты  зæндджын  æмæ равзардзысты, кæм ис  хæрзиуæг æмæ кæм та сусæг  фыдбылыз. Афтæма, рæстдзинад  кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы  æмæ искæмæн  дзыхъхъ къахæг,  йæхæдæг ис ныххауы  уырдæм» –  банысангонд у  фидиуæны.