Гуырдзыстоны паспорт глобалон индексы рейтингы иу къæпхæнæй фæразæй ис
Гуырдзыстоны  паспорт глобалон  индексы  рейтингы иу  къæпхæнæй  фæразæй ис

 

Гуырдзыстоны  паспорт 2019 азы  глобалон  индексы  рейтингы  49-æм бынатыл  æрлæууыд.   Ивгъуыд азимæ абаргæйæ,  Гуырдзыстон иу  къæпхæнæй  фæразæй ис.

«Хенли энд Партнерс»  рейтингы  уымæ гæсгæ   аразы, цæмæй  цас  бæстæмæ  у йæ бон   балц  кæнын, иу  кæнæ æндæр  паспорты хицауæн æнæвизæйæ.

2019 азы  иртасæнмæ гæсгæ,  Гуырдызстоны паспортæй  114  бæстæмæ  ис  гæнæн æнæвизæйæ  ныццæуын.

Дæнцæн  Сомихыстон рейтингы  78-æм бынатыл ис, æрмæст Азербайджан та, 73-ыл.

Рейтингы лидертæ сты  Япони, Хуссар Корея, Сингапур æмæ Германи. Ацы бæстæты  паспортæй æнæвизæйæ   балцæ кæнын  гæнæн ис  189  бæстæмæ.