Гуырдзыстоны парламенты регистрацигонд æрцыд «Амнистийы фæдыл»  законопроект
Гуырдзыстоны парламенты регистрацигонд æрцыд «Амнистийы фæдыл» законопроект

Абон, Гуырдзыстоны парламенты регистрацигонд æрцыд Гуырдзыстоны  закъоны проект «Амнистийы фæдыл». Законопроект йæ хъуыдыйы дары  уыцы уæнгты  ссæрибар кæнын тугтæрхоны барады бæрнæй  æмæ  æмбæлон æфхæрдæй, кæцытæ 2020 азы  11 декабры онг  ракодтой  ацы законопроектæй бæрæг  фыдракæндтæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны парламенты адæймаджы барты æмæ æмбæстагон интеграцийы комитеты  сæрдар Михеил Сарджвеладзе  фехъусын кодта.

Михеил Сарджвеладзе  куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ,  закъонопроектæй  нæу бæрæг  иуæй-иу ахæм фыдракæнд, цахæмдæр у  марындзинад  кæнæ хæдзары бинонты ныхмæ тыхмидзинад.

«Амнистийæ бавдыст инициативæ йæ хъуыдыйы  дары цалдæр   принципон  ахаст, кæцытæм гæсгæ: 1. Уыцы  фыдракæндты цауы, кæцы  бавдыст сты  законопроекты æмæ кæцытæ баст сты  зианбавзарæгæн исадон  знаггадимæ, ахæм цауты æфхæрдæй  ссæрибар кæнынæн  æнæмæнгхъæугæ  разæууæл уыдзæн  зианы компенсаци скæнын, хицæн цауты та – зианбавзарæгы  разыдзинад; 2. Хицæн цауты  разæууæлæй рагхыгъдгонд у   афтæдæр тæрхонмæ лæвæрд  куы ма уа уый. 3. Афтæма нымадмæ ист у  карджын, 2012 азы 1 октябры онг тæрхонгонд тугтæрхоны  иварæй  гоймæгты ссæрибар кæнын», –  райхъусын кодта Михеил Сарджвеладзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, амнистийы законопроектæй  амнисти баххæсдзæн   фыдракæндты  стыр ранымадмæ – сæрмагондæй та: къæрныхдзинад, фальсификаци, сæрмæмулк базиан кæнын, буар базиан кæныны хицæн категоритæ  æмæ а.д.  Æдæппæт 44  статийæ бæрæг  фыдракæндтæ.

Сарджвеладзейы дзырдæй, зæгъгæ абоны  уавæрæй, инициативæ æххæссы афтæдæр  наркофыдракæндтæм, реализацийы фыдракæндæй цух, афтæма уыцы адæймæгтæм, кæцытæн тæрхонгонд уыд æнæмгъуыд ахст.