Гуырдзыстоны ныхмæ Страсбургы тæрхондонмæ бавдыст 2008 азы  хæсты фæдыл  хъастытæ æнæруадзгæйыл банымадтой
Гуырдзыстоны ныхмæ Страсбургы тæрхондонмæ бавдыст 2008 азы хæсты фæдыл хъастытæ æнæруадзгæйыл банымадтой

Гуырдзыстоны ныхмæ  Страсбургы    тæрхондонмæ бахæсгæ  хъастытæ  æнæруадзгæйыл банымадтой  –   уый фæдыл  информацийы  хæлиу кæны  юстицийы  министрад.

«Абон  Страсбургы  тæрхондон, публикаци скодта æртæ  тæрхоныскуыд  хъуыддагыл «Джиоева æмæ  æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ»;»Къудухова Гуырдзыстоны ныхмæ»; «Наниева æмæ Багаев Гуырдзыстоны ныхмæ».  Хъуыддæгтæ  æххæссыдысты  Цхинвалы регионы  цæрæг æмбæстæгты  хъастытæм уымæ гæсгæ,  ома 208 азы  августы  хæсты рæстæджы   гуырдзиаг фарсы  архæйдтытæ сын  сæ цардæн тæссаг уыдысты æмæ   сæ мулк  базиан ис  кæнæ скуынæг ис.

Хъастгæнджытæ хъаст кодтой  адæймаджы барты  æмæ сæйраг  сæрибардзинæдты хъахъхъæды   конвенцийы  3-æм статийæ (цæрыны бар)  3-аг статийæ (хъизæмары фæтобæ),  уæлæмхас проколы  фыцццаг статийæ  (сæрмæмулкъы хъахъъæдад),  конвецийы  13-æм статийæ  барадмæ гæсгæ  хъахъъæды  архайадон  фæрæзы бар), 14-æм статийæ  (дискриминацийы фæтобæ)  æмæ 8-æм (сæрмагонд æмæ бинонты цардуаг хъахъхъæдады  бар)  æмæ  5-æм статийы (сæрибардзинад æмæ æдасдзинады бар)  фыццаг пунктæй (аы фæстаг стати бавдыст уыд  æрмæстдæр Кудуховайы хъуыддаджы)  рæвдз барты  халыны тыххæй» банысангонд у  министрады  ахæлиугонд  информацийы.

Уымæй  уæлдай ма, министрады  хъусинагæй,  Европаг  тæрхондон  уæлдæрбанысагонд  хъастытæ  æнæруадзгæйыл банымадта  куыд   аргументтæй бынтон цух  – афтæ.

Сæрмагондæй та,  2-аг æмæ   3-аг статитæм гæсгæ  тæрхондон бацамыдта,  цæмæй  хъастгæнджыты  уавæр  нæ уыд уыййас  уæззау,  цæмæй расайдтаит  банысангонд  статиты  халындзинад.  Сæрмæмулкъмæ  гæсгæ хъастыты фæдыл  Европаг тæрхондон  банысан кодта,  цæмæй  хъастгæнджытæ нæ бахъом сты prima facie  бæлвырдгæнæнтæ бавдисын  сæ  сæрмæмулкъы  базиан кæныны  кæнæ скуынæг кæныны  фæдыл.  8-æм статимæ гæсгæ  тæрхондон  банысан кодта,  цæмæй хæсты  периоды  хъастгæнджытæ  чысыл рæстæгæй  æндæр бæстæмæ (Уæрæемæ)  кæй  ацыдысты  уый,  8-æм статийæ  зæрдыладрд  сферæмæ хифæкæныныл банымайын гæнæн нæ уыд.

Уæлдæрбанысангонд  уæнгтæй  æрмæст иу хъастгæнæджы – Джиоевайы  хъасты хайыл,  Европаг конвенцийы  2-аг, 3-аг, 13-æм  æмæ 14-æм  статитæм гæсгæ,  Европаг тæрхондонæн йæ бон нæ бацис  фарстайыл тæрхон рахæссын, фæнысангонд хъуаддаджы бавдыст æрмæджытыл æнцойæ.  Уымæ гæсгæ  дæо  Гуырдзыстоны хицауадмæ æрвыст æрцыд  домæн,  æрмæстдæр ацы  хъастгæнæджы  лæвæрд  конкретон  претензитæм  гæсгæ  сæрмагонд позицийы  бавдисын» –  банысангонд у  Гуырдызстоны юстицийы  министрады информацийы.