Гуырдзыстоны  ног коронавирусæй ноджы иу пациент æрбамард
Гуырдзыстоны ног коронавирусæй ноджы иу пациент æрбамард

Гуырдзыстоны   ног коронавирусæй    ноджы иу пациент   æрбамард.

Уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  хицауады рабадтыл  фехъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  амард 1939 азы гуыр,  81  аздзыд  сылгоймаг.

«Абоны бæрæггæнæнтæй,  нæ бон зæгъын у, цæмæй  бæстæйы  эпидемиологион уавæр  абаргæйæ   стабилондæр ссис.  Ноджы иу  хатт,  хаххгондæй мæ фæнды зæгъын, цæмæй  абаргæйæ  стабилон ссис æмæ  йæ  контрол кæнын ис гæнæн.  Абоны бæрæггæнæнтæй,  нын ис  инфицирады  фондз ног цау, 11 сдзæбæх сты  æмæ  хъыгагæн,  абон  сæумæрайсомæй фæбæрæг ис, цæмæй нын ис  ноджы  иу  фæмардуæвæг сылгоймаг,  81  аздзыд.  Ацы  хъыгаг  факт ноджы иу хатт  бæлвырд кæны, цæмæй   цыфæнды  æнтыстджын тох  инфекцийы æмæ пандемийы  ныхмæ, нырма нæ  амонынц  уый æмæ  исты   кæронбæттæн    хатдзæгтæ рахæссын у нæ бон.  Уый  у  дæргъвæтин процесс  æмæ бæрæг куыд у,  афтæмæй,  ацы  вирус  махмæ  ноджы  бирæ рæстæг баззайдзæн», – загъта  Гиорги Гахариа.

Афтæма, специалон веб-фарс  stopcov.ge-йы информацийæ,  бæстæйы  фæнысангонд  вирусæй   æмтгæй  райсгæйæ,  12  адæймаг амард.