Гуырдзыстоны  куыд æхгæд, афтæ гом  тыгъдадты дæр, æртæйæ фылдæр адæймагы æмбырдимæ баст арæнæвæрдтæ ивд цæуынц
Гуырдзыстоны куыд æхгæд, афтæ гом тыгъдадты дæр, æртæйæ фылдæр адæймагы æмбырдимæ баст арæнæвæрдтæ ивд цæуынц

Гуырдзыстоны  куыд æхгæд, афтæ  гом  тыгъдадты дæр,  æртæйæ  фылдæр адæймагы  æмбырдимæ баст   арæнæвæрдтæ  ивд цæуынц, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Гахариа    фехъусын кодта.

Фæлæ  йæ  ныхæстæм гæсгæ,   автотранспортæй  змæлды рæстæджы,  фæнысангонд  арæнæвæрд йæ  тыхы  баззайдæнис.

«Ивд æрцæуæт  арæнæвæрд  æртæйæ  фылдæр адæймагы  æмбырды  цæстæнгасæй,   куыд æхгæд, афтæ  гом тыгъдады.

Фæлæ  уый нæ нысан кæны, цæмæй  ивд æрцæудзæн  арæнæвæрд  æртæ адæймагы  змæлдыл  автотранспортæй.

Ацы  арæнæвæрд  æнæкæсгæ  алцæмæ,  у иттæг нысаниуæгджын   эпидемиологион цæстæнгасæй,  кæцыйы тыххæй нын  дзырдтой   дохтыртæ  æмæ  сæм мах  нæ хуъс  дарæм.  Зонут æй, цæмæй  профессионалы   рекомендацитæ  махæн ацы  хайы,   сæрмагондæй  та  эпидемиимæ  тохы,  критиконæй  нысаниуæгджын сты», – банысан кодта Гиорги Гахариа.