Гуырдзыстоны  коронавирусы цы 196  ног цау рабæрæг ис,  уыдонæй   128 Ачъараимæ сты  баст, 30   – Тбилисимæ, 19 та – Кутаисимæ
Гуырдзыстоны коронавирусы цы 196 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 128 Ачъараимæ сты баст, 30 – Тбилисимæ, 19 та – Кутаисимæ

Тбилисы  инфекцион  рынчындоны  медицинон  директоры  Марина Эзугбаиайы  фидиуæнæй,  Гуырдзыстоны   коронавирусы цы 196  ног цау рабæрæг ис,  уыдонæй   128 Ачъараимæ сты  баст, 30   – Тбилисимæ, 19 та – Кутаисимæ.

«Абон нæм рбафтыд ноджы 196 ног цау æмæ  афтæмæй фæрынчынуæвджыты æмтгæйон нымæц ссис 3502 .  196ног цау Регионтæм гæсгæ, афтæ дих сты: Ачъара -128, Тбилис -30, Кутаис– 19, Гуриа– 4,  Самегрело-Уæллаг Сванет – 5, Квемо Картли -5, Мидæг Картли – 1, Мцхета-Мтианет  – 2, Къахет -1» –  фехъусын кодта Эзугбаиа.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  13 -æй   райрæзтис  чи сæнæниз ис, уыцы  пациентты нымæц  æмæ æмтгæй  райсгæйæ аххæссыд  фæрынчынуæвджыты 43%.

Марина Эзугбаиайы  информацийæ  ацы  этапыл  ковид-центрты  1981  пациентæн хос кæнынц.