Гуырдзыстоны  коронавирусы бæлвырд  цауты  нымæц  130-æ  ахæццæ ис, уыдонæй  23 адæймаг сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны коронавирусы бæлвырд цауты нымæц 130-æ ахæццæ ис, уыдонæй 23 адæймаг сдзæбæх сты

Гуырдзыстоны   коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц  130-ы онг   райрæзтис.  Уый  тыххæй информаци, Гуырдзыстоны хицауады  арызт  специалон веб-фарс  stopcov.ge –ыл  цъус рæстæг размæ    ранæуæг ис.

Вебфарсы  информацийæ,  ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны    коронавирусæй фæрынчыны   130 цау  у  бæлвырд,  уыдоны  нымæцы   сдзæбæх сты  23  адæймаг.

Уымæй  уæлдай ма, карантины режимы   сты  5437 æмбæстаг, æрмæст стационары  цæстдарды бын та –  260.