Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты коронавирусæй рынчын 25 пациент амард, – фехъусын кодта æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг оперативон штабы хистæры хæдивæг, Бердиа Сичъинава, хицауады администрацийы лæвæрд брифингы рæстæджы.
Пандемийы ахæлиуæй абоны онг, вирусы амæттаг, æмтгæй райсгæйæ, ссис 2443 адæймаг.
Бæстæйы масштабæй фæстаг 24 сахаты арызт æрцыд 13 451 тест, уый фæстиуæгæн рабæрæг ис вирусæй инфицирады 2012 ног цау, снæниз сты 2 638 пациент.
28 декабры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын 41 пациент æрбамард.