Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 7 947 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 550 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 7 947 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 550 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  7 947   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 5 550    пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 43 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  35 082    адæймагæн, сæ  нымæцы –  20 608  антигены тестæй  æмæ   14 474  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 22,65%, фæстаг 14 боны –  13,08%, фæстаг  7 боны  – 16,61%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 059 392 цау, уыдонæй  967 585     сæнæниз сты, 14 732  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 658 343  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 550..

Карантины режимы сты 43 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 386, клиникон фысымуаты ис  1 896 уæнгы.

Знон, 23  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  9 696 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  5 408 пациент, 28 адæймаг та  амард.