Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 663 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 383 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 663 ног цау. Уый фæдыл информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 383 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 27 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 13 277 адæймагæн, сæ нымæцы – 7 302 антигены тестæй æмæ 5 975 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4,99%, фæстаг 14 боны – 6,48%, фæстаг 7 боны – 6,01%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 607 155 цау, уыдонæй 578 881 сæнæниз сты, 8 844 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 1 749 457 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 617.
Карантины режимы сты 45, адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 569, клиникон фысымуаты сты 776 уæнгы.