Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 596 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 946  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 596 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 946 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  5 596  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 946  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 47 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  58 109  адæймагæн, сæ  нымæцы –  34 115  антигены тестæй  æмæ   23 994  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 9,63%, фæстаг 14 боны –  8,51%, фæстаг  7 боны  – 9,79%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   973 909  цау, уыдонæй  919 367    сæнæниз сты, 14 311  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 577 637   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 10 688.

Карантины режимы сты 83 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 418, клиникон фысымуаты ис  1 958  уæнгы.

Знон, 11 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  5 486     ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  2 893    пациент, 46 адæймаг та  амард.