Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 486 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 893 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 486 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 893 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  5 486  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 893     пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 46 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  57 546  адæймагæн, сæ  нымæцы –  39 284  антигены тестæй  æмæ   18 262  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 9,53%, фæстаг 14 боны –  8,1%, фæстаг  7 боны  – 9,63%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   968 313  цау, уыдонæй  916 421   сæнæниз сты, 14 264  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 565 599   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 10 881.

Карантины режимы сты 69 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 431, клиникон фысымуаты ис  1 801  уæнгы.

Знон, 10  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  3 842    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 085   пациент, 31 адæймаг та  амард.