Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 732 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 812 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 4 732 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 812 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 72 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 50 707 адæймагæн, сæ нымæцы – 31 426 антигены тестæй æмæ 19 281 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у 9,33%, фæстаг 14 боны – 9,77%, фæстаг 7 боны 9,11%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 795 847 цау, уыдонæй 731 996 сæнæниз сты, 11 212 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 066 159 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 8 233.
Карантины режимы сты 54 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 614, клиникон фысымуаты ис 1 175 уæнгы.