Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 656 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 066 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 656 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 066 пациент

 

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  3 656 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 3 066   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  29 711   адæймагæн, сæ  нымæцы –  16 196  антигены тестæй  æмæ   13 515  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 12,31%, фæстаг 14 боны –  9,64%, фæстаг  7 боны  – 9,69%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   999 343  цау, уыдонæй  931 507  сæнæниз сты, 14 481 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 612 313  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 290.

Карантины режимы сты 54 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 500, клиникон фысымуаты ис  2 092 уæнгы.

Знон, 16  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  5 504   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  3 304    пациент, 24 адæймаг та  амард.