Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 590  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 955 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 590 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 955 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  3 590  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 955  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 67 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  39 315 адæймагæн, сæ  нымæцы –  26 302  антигены тестæй  æмæ   13 013 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 9,13%, фæстаг 14 боны –  5,67%, фæстаг  7 боны  – 6,26%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   942 173  цау, уыдонæй  904 903   сæнæниз сты, 14 009  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 520 230  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 520.

Карантины режимы сты 48 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 394, клиникон фысымуаты ис  892  уæнгы.

Знон, 3  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  943 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  2 789 пациент, 37 адæймаг та  амард.