Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 294 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 87
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 294 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 87

Гуырдзыстоны   коронавирусæй  инфицирады 294  ног цау  рабæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады  5 254  цау.

Снæнизуæвджыты тыххæй  куы зæгъæм, уæд,   сæ  нымæц ивгъуыд 24  сахаты мидæг 87-æй   фæфылдæр ис æмæ  у 1 906.

Коронавирусы аххосæй  Фæмардуæвджыты æмтгæйон нымæц абон ноджы  фæфылдæр ис æмæ у 28.Карантины режимы  сты  5 674 æмбæстаг, æрмæст   стационары   цæстдарды  бын   сты  836.

Уыйимæ иумæ,  ковид-фысымуæтты  сты  800 адæймаг.

Афтæма, фæсарæнтæй  хоскæнынмæ  Гуырдзыстонмæ  æрластой  41  æмбæстагы.